Тӕхынц сызгъӕрин азтӕ | Лӕууы ма мӕ зӕрдыл

Описание к видео Тӕхынц сызгъӕрин азтӕ | Лӕууы ма мӕ зӕрдыл

Цаутӕ кӕрӕдзийы ивтой, иу иннӕйы фӕдыл тахтысты æвзонг æмæ æнæмæт царды бонтӕ. Зæгъæн ис, æмæ Кировыхъæуы скъолайы 1967-æм азы рауагъдонтæ сæххæст кодтой сæ сæйраг хæс. Ныр дзы алчидæр кадимæ хæссы хистæры ном. Фæлæ мидбылхуыдтимæ сæ бон зæгъын вæййы, лæууы ма мæ зæрдыл мæ фыццаг ахуыргæнæг, ме `мкъласон æрдхорд, ме `взонджы дуг, зæгъгæ.

00:00 - Сæргонд «Лæууы ма мæ зæрдыл».
00:15 - Афæлгæст 1967-æм азы цаутыл. Уыцы аз Цæгат Ирыстоны Кировы хъæуы скъола каст фесты нæ равдысты архайджытæ.
02:00 – Ахуыргæнæг Кодзаты Эльбрус мысинæгтæ.
03:22 – Бигъуылаты Людмилæ сæ ахуыргæнæджы тыххæй.
04:00 – Уарзондæр ахуыргæнæджы тыххæй.
06:10 – 1967 азы рауагъдонтæ дзурынц куыд цыдысты киномæ.
08:05 – Баситы Æллæ дзуры йе `мкъласон Изетæ сыл хъазгæйæ хъарджытæ куыд кодта.
09:00 – Бигъуылаты Людмилæйы хъæлдзæг мысинæгтæ.
13:00 – Царды кæмæн йæ къуыхы цы бафтыд саразын.
18:16 – 1967-æм азы рауагъдонтæ дзурынц урокмæ сæ куы нæ фæндыд, уæд иу цы æрхъуыды кодтой, уый тыххæй.
20:40 - Хъайтмазты Алик дзуры Магкаты Мишæимæ цыл цы хъæлдзæг цаутæ `рцыд, уыдоны тыххæй.
24:30 - Дзалаты Фатимæ дзуры 7 чызгæй иухуызон къабаты куыд цыдысты.
24:40 - Хъæлдзæг цау, се `мкъласоны иу 2 тыххæй æнæхъæн стыр æмдзæвгæ ахуыр кæнын куыд нæ фæндыд.
25:25 – Кæронбæттæн текст.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
   / irystontv  
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv

Комментарии

Информация по комментариям в разработке