Ахсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт. Нарты кадджытæ

Описание к видео Ахсар æмæ Æхсæртæджы мæлæт. Нарты кадджытæ

Дзерассæ Ахсары йæхи лæг фенхъæлдта, уымæн æмæ Ахсар æмæ Ахсæртæг æмхуызæттæ уыдысты, асæй дæр æмæ уындæй дæр: бурхил, дæргъæлвæс, фæтæнриу æмæ цæхæрцæст гуырдтæ, æмæ сæ ничи зыдта, чи сæ кæцы у, уый, Хуыцау æмæ зæххы йеттæмæ. Мусонджы дуарæй куы бакаст æмæ Дзерассæйы куы федта Ахсар, уæд загъта йæхи нымæры: «Хуыцауты Хуыцау, нæ амонд нын фæндагыл дæр ма фесаф æмæ бынаты дæр! Уый та кæм æнхъæл уыдтæн, æмæ Ахсæртæг æд бинойнаг æрцæудзæн!»
Дзерассæ йæм скаст æмæ йæ фæрсы:
— Куыд æрæгмæ цыдтæ? Ахсар æм ницы сдзырдта.
— Уаих фæуай! Нал мæ зоныс? — афæдзæй-афæдзмæ доны бын иумæ куы уыдыстæм, — зæгъгæ, йæм бадзырдта Дзерассæ.
Уæд бæлвырд базыдта Ахсар, ай йе 'фсымæр Æхсæртæджы ус кæй у, уый. Ус лæппумæ йæхи ласын байдыдта, фæлæ йæм Ахсар йе 'ргом нæ лæвæрдта. Хуыссын афон куы æрцыд, уæд Ахсар йæ нымæт Дзерассæйы бын бакодта, Æхсæртæджы нымæт та сæ уæлæ ныккодта æмæ, цæмæй кæрæдзимæ хæстæг нæ уыдаиккой, уый тыххæй йæ кард фелвæста æмæ йæ сæ дыууæйы астæу нывæрдта. Ус фæмæсты ис, фестади æмæ бусгæгонджи хицæнæй сбадтис. Уæд уалынмæ Ахсæртæг æрхæццæ ис æмæ саджы мард ерхаста æд къала бæлас. Æмæ Дзерассæйы æнкъардæй, бустæгондæй бадгæ куы федта, уæд йæ зæрдæ фехсайдта, — афтæ 'нхъæл уыдис, æмæ йын Ахсар батых кодта. Æмæ хъама фелвæста æмæ йе 'фсымæр Ахсары ныццавта æмæ йæ амардта. Уæд ын ус радзырдта, куыд уыдис, уый. Ахсæртæг фæсмоны бацыдис, ме 'фсымæры æнаххосæй амардтон, зæгъгæ, æмæ йæ хъама фелвæста, йæ фистон ын Ахсары риумæ сарæзта, йæ фындз та йæхи зæрдæмæ æмæ йыл йæхи 'руагъта, æмæ хъама йæ зæрдæйы сфардæг ис, æмæ фæмард ис. Дзерассæ байдыдта дзыназын, кæуын, ниуын, додой кæнын; хоста йæ сæр, йæ уæрджытæ — ай мыл цæй æбуалгъ ми æрцыд, мæн тыххæй куы фæмард сты дыууæ 'фсымæры, зæгъгæ. Йæ дзыккутæ тоны, йæ рустæ рæдувы, хъарæг кæны, æмæ йæ хъарæгæй арауынц хæхтæ; сырдтæ дæр ныхъус сты арф хъыгæй; згъалы хъарм цæсты сыгтæ Дзерассæ дыууæ 'фсымæрыл. Сæ астæу сбадти æмæ æмбисæхсæвмæ фæкуыдта Ахсары мардыл, æмбисæхсæвæй бонмæ та — Æхсæртæджы мардыл. Йæ тæригъæдæй мæрдты сæрмæ сбадти кæуындзаст сау мылазон мигъы сыг.
«Ныр сын цы ми кæнон: уадзгæ сæ кæнон, æмæ сын сæ хъамбул уæрджытæ, сæ цæхæр цæстытæ æмæ сæ сырх уадултæ сынтытæ æмæ рувæстæн хæрынмæ куыд ныууадзон; æвæргæ сæ кæнон, æмæ сын цы мадзал ссарон?!» - зæгъы йæхицæн Дзерассæ.
Уыцы афон Уастырджи ратахт йе 'ртыкъахыг бæхыл, йæ егар дæр йемæ, афтæмæй, æмæ Дзерассæйы уæлхъус алæууыд æмæ йын зæгъы:
— Уæ, хурты хур æмæ арвы фидауц, уæ, мæ рухс дуне æмæ бæсты рæсугъд! Æз рагæй дæр дæ фæдыл куы зилын, уæд цæуыл хъыг кæныс, цы дыл æрцыд?
— Куыннæ хъыг кæнон? Мæнæ ацы дыууæ 'фсымæры мæн тыххæй фæмард сты, æмæ сæ куыд баныгæнон, уымæн ницы амал арын.
Уастырджи йын загъта:
— Усай, уыдон æз баныгæнин, бæргæ, усæн мын куы рацæуис, уæд.
— Цæуылнæ дын ацæудзынæн усæн, ацы мæрдты куы баныгæнæм, уæд, — зæгъгæ, йын дзуапп радта Дзерассæ.
Уастырджи йæ ехсы фындзæй зæхх æркъуырдта, æмæ дыууæ 'фсымæры марды ингæны фестадысты, сæ ингæныл та фæзынд диссаджы цырт, чъыр æмæ дурæй амад, рæсугъд галуан йæ алыфарс, афтæмæй.
Уæд Дзерассæ дзуры Уастырджимæ:
— Цæй, уæдæ æз мæхи ахсон уæртæ денджызы был, кæннод тугæрхæмттæй демæ куыд фæцæуон; ды уал ам бад, æз ныртæккæ фездæхдзынæн.
Уастырджи баууæндыд Дзерассæйыл. Дзерассæ денджызы былмæ куыддæр бахæццæ ис, афтæ денджызы йæхи баппæрста æмæ ныффардæг ис йæ фыды бæстæ — Донбеттыртæм. Ныр æрбацæудзæн, уæд æрбацæудзæн, зæгъгæ, Уастырджи æнхъæлмæ кæсы æмæ йæхи нымæры алыхуызон хъуыдытæ кæны. Фæлæ ма цæй ус æмæ цæй цыдæр! Фыдæнхъæлæй баззади Уастырджи. Йæ зæрдыл бадардта уыцы сайд æмæ загъта: «Гъей, додой дæ къона! Уæлæуыл дыл нæ фæхæст уыдзынæн, фæлæ мын мæрдты та кæдæм ирвæздзынæ!»
Абадт йе 'ртыкъахыг бæхыл Уастырджи æмæ мæстæйдзагæй денджызы былтыл цуангæнгæ рафардæг ис йæ егаримæ.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
   / irystontv  
twitter.com/irystontv

Комментарии

Информация по комментариям в разработке