Валерий Сагкаев - Мады Майрæм

Описание к видео Валерий Сагкаев - Мады Майрæм

Мады Майрæм - Валерий Сагкаев

слова: Тотраз Кокаев
музыка Шалва Циклаури

МАДЫ МАЙРÆМ
Зæрдæйы цы сурæт хастон, —
Цæссыгтæй уый нал зыны.
Сонт удæй цы чызджы уарзтон,
Уый мæ дары азымы.
Æмæ зæрдæ мастæй риссы, —
Уды риссаг карздæр у.
Иунæг Хуыцау уæд æвдисæн:
Уарздзынæн æй раздæрау.

Мады Майрæм, къух мыл ма сис,
Ма мæ ныууадз сидзæрæй.
Уарзтæй мын нæ уыди бафсис,
Ныр æнæ уарзт чи цæры?!
Мады Майрæм сау барджытæ
Сау мæлæтмæ арвита, —
Ингæнæй мæ рухс зарджытæ
Ссæуиккой кæд уардитæй...

Зæрдæйы дæ сурæт баззад
Сау кæлæнау сау боны,
Æмæ карз зымæджы уазал
Уалдзæджы цин нал зоны.
Рухс цæстытæм ныр куыд бæллон,
Кæд мыл, оххaй, сау дарынц?
Нал æрцæуы уарзт æмгæрон —
Адзæгъæл ис сау тары.

Зæрдæйы нындзыг дæ сурæт,
Уый ма адæргæй уыдтон,
Æмæ сау хъуыдытæ сургæ,
Уæд дæ Хуыцауæн кувтон.
Дзæнгæрджытæ ниудтой арвмæ —
Арв дæр гоби разынди.
Ехх, куы ма дæ фенин дардмæ,
Уæд мæлæтыл разы дæн.

Комментарии

Информация по комментариям в разработке