Дудараты Зауырбег I Уидӕгты ирдгӕ

Описание к видео Дудараты Зауырбег I Уидӕгты ирдгӕ

Нӕ равдысты хъайтар Дудараты Зауырбегӕн йӕ рагфыдӕлтӕм, йӕ фӕрныг хистӕртӕм цы уӕздандзинад ӕмӕ цы хорздзинӕдтӕ уыд, уыдон йе рыгон бонтӕй ӕрцардысты йе уӕнгты.

Абон дӕр сӕ йӕ зӕрдӕйы арфы дары, дарддӕр сæ ноджы рӕсугъддӕрӕй хӕссы. Не сфӕлдыстадон къорды дисы бафтыдта Зауырбег, цас таурӕгътӕ ӕмӕ цас цымыдис хабӕрттӕ зоны йӕ рагфыдӕлты тыххӕй! Раст цыма Дудараты мыггаджы алы хӕдзарæй рацӕуӕджы дӕр йӕхӕдӕг зыдта, алкӕй дӕр дзы цыма уыдта, сӕ дзыхы ныхас сын цыма хъуыста, афтӕ нӕм фӕкасти, йӕ цымыдис ныхасмӕ лӕмбынӕг хъусгӕйӕ.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
   / irystontv  
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv

Комментарии

Информация по комментариям в разработке