архивон равдыст УРТАТЫ БАРИС

Описание к видео архивон равдыст УРТАТЫ БАРИС

Спорты ветеранты ӕхсӕн хъӕстытӕн сӕ райдиан цӕуы Канадӕйы горӕт Торонтойӕ, уым 1985 азы цыдысты ахӕм хъӕстытӕ. Фӕстӕдӕр Уӕрӕсейы дӕр райдыдтой аразын ахӕм чемпионаттӕ. Ветеранты ӕхсӕн хъӕбысхӕсты чемпионатты ӕнтыстджынӕй фыццаг бынӕттӕ чи бацахсы, уый у нӕ равдысты уазӕг - фарныхъӕуккаг Уртаты Барис.
Гыццылӕй дӕр бӕрӕг дардта йе мгӕртты хсӕн, уыдис тынг сӕрӕн ӕмӕ рӕвдз алы хъуыддагмӕ дӕр, уарзта йе мбӕлттимӕ пуртийӕ хъазын, турниккыл хи ирхӕфсын, хъӕбысӕй хӕцын. Уӕдӕ –иу йӕ фыды къух дӕр арог кодта уыцы ӕрыгонӕй.
...Абон йӕ майдантӕ , ордентӕ ӕмӕ кады гӕххӕттӕн сӕ нымӕц цас у, уый зын зӕгъӕн у.

Фарныхъӕуы нӕ, фӕлӕ Ирыстоны бирӕ рӕтты абон Уртаты Барисы бацагурынц хистӕрӕн арӕх, цины ӕмӕ зианы хабары дӕр. Барис тынг хорз зоны ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ ӕнӕвгъау дӕтты кӕстӕртӕн.

Комментарии

Информация по комментариям в разработке