Собиты Руслана æмæ Бугъаты Зарина - Дæу бирæ уарзын

Описание к видео Собиты Руслана æмæ Бугъаты Зарина - Дæу бирæ уарзын

Амонды цинæй, бафсæдæн зæрдæйæн нæй.
Ссыгътæй мæ риуы, уарзты цæхæртæ фæрнæй.
Оххай, æнусон махæн куы уаит нæ уарзт.
Иумæ рæсугъдæй, æрвитиккам эуæд нæ цард.

Ничи мæ хъæуы, ды иу мæ уды æрцæр.
Цинты хъæбысы, демæ уыдзынæн æз дæр.
Фæлæ æрмæст иунæг изæр дæ мæ фарсмæ.
Иунæг изæр, никуы уыдзæн фаг нæ уарзтæн.

Базард:
Дæу бирæ-бирæ, дæу бирæ-бирæ уарзын.
Дæ цæстытæй дын æз царды цинтæ нуазын.
Мæ риуæй зæрдæ, йæхи дæумæ фæтоны.
Дæу бирæ уарзын, фæлæ йæ цыма зоныс.

Цас хъарм ис махæн нæ уарзты, уый радзурæн нæй.
Амонд дæ цæстыты, ссардтон, ссардтон фæрнæй.
Нал сæ æфсæдын, кæсин цæм æхсæв æмæ бон.
Арвы хъæбысы фестад мæ зæрдæ бæлон.

Уарзты ныхæстæ дзурынц дæ цæстытæ æргом.
Зæрдæ фыр цинæй адджынæн дзуры дæ ном.
Ацы изæр та кæрæдзийæн раргом нæ уарзт.
Ничи нæ байсдзæн, кæрæдзийыл иу нæ цард.

Базард:
Дæу бирæ-бирæ, дæу бирæ-бирæ уарзын.
Дæ цæстытæй дын æз царды цинтæ нуазын.
Мæ риуæй зæрдæ, йæхи дæумæ фæтоны
Дæу бирæ уарзын, фæлæ йæ цыма зоныс

дæхи бафысс: t.me/ironzarjyta

:    / @user-qc2er4sx5h  

Комментарии

Информация по комментариям в разработке