Саулохты Аслан - Уалдзæг æрцыд

Описание к видео Саулохты Аслан - Уалдзæг æрцыд

Уалдзæг æрцыд æмæ бæстæ,
Фестад дзæнæт.
Хурæй мæ зæрдæ фæхъæстæ,
Атад йæ мæт.

Узæлы бæлæстыл дымгæ,
Хъармæй фæлмæн.
Хоны йæ урс цинтæй уынгмæ,
Тар *къæсæй мæн.

Уалдзæг æрцыд...
Уалдзæг æрцыд...
Уалдзæг æрцыд...
Уалдзæг æрцыд...

Байдзаг и цин æмæ хурæй,
Сахар æмбæрзт.
Къуырæм ын уазал цъæх дурæй,
Кæрдæгы скаст.

Чызджытæн ласы сæ гæрзтæ,
Уалдзæг сындæг.
Равдыста *фидауц йæ хæрзтæ,
Ирдæй сыгъдæг.

Уалдзæг æрцыд...
Уалдзæг æрцыд...
Уалдзæг æрцыд...
Уалдзæг æрцыд...

Уалдзæг æрцыд æмæ бæстæ,
Ивы йæ цард
Цинæй мæ зæрдæ фæхъæстæ,
Ссыгъди дзы арт.

*къæс - сакля, хижина.
*гарз - большой деревянный сосуд, кадушка.
*гæрз - (мн. гæрзытæ) ремень.
*гæрзтæ - вооружение.
*фидауц - 1) красота; изящество; 2) стройность; ■ фидауцы дзаума роскошь.


дæхи бафысс: t.me/ironzarjyta

нæ канал ютубы    / @iron_zarjyta  

Комментарии

Информация по комментариям в разработке