Мыггаджы хъæппæрис, Кинологты бон, амалхъомдзинад æмæ нывгæнджыты равдыст I Йæ рæстæгыл

Описание к видео Мыггаджы хъæппæрис, Кинологты бон, амалхъомдзинад æмæ нывгæнджыты равдыст I Йæ рæстæгыл

Йæ рæстæгыл æрхъуыды кодтам, 1941-æм азы 22-æм июны Фыдыбæстæйы Стыр хæст кæй райдыдта, уый. Уазæгуаты нæм æрбацыдысты Къарджиаты мыггаджы минæвæрттæ. Ныртæккæ кусынц ууыл, цæмæй сæ хæстонты нæмттæ ма ферох уой. Хъуамæ сын сæ рауадзой хицæн чиныгæй. Нæ иннæ уазæг та нæм йæ цыппаркъахыг хæларимæ хуымæтæджы нæ фæзынд. Абон Уæрæсейы сæ профессионалон бон бæрæг кæнынц кинологтæ. Базыдтам æмæ йæ сымахæн дæр æвдисæм, куыйтимæ куыд кусын хъæуы, уый. Дзырдтам ма, амалхъом адæймаг суæвын кæй фæнды, уыдонæн сæрмагонд ахуырты тыххæй. Абон кæронмæ ахæццæ сты æмæ нæ йæ рæстæгыл бафæндыд сæ хъомысыл аныхас кæнын. Нæ фæрстытæн нын дзуапп лæвæрдта бæрнон адæймаг. Национ наукон библиотекæйы та байгом равдыст "Мимолетности", зæгъгæ. Цы дзы ис фенæн, уый тыххæй нын радзырдтой йæ архайджытæ сæхæдæг. Студимæ нæм æрбацыдысты равдыст байгом кæныны хæдфæстæ!
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
   / irystontv  
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv

Комментарии

Информация по комментариям в разработке