Калоты Тамарæ | Цы сусæг кæныс

Описание к видео Калоты Тамарæ | Цы сусæг кæныс

Нæ абоны уазæджы фæллойадон фæндаг даргъ у.

Фæлæ цæмæй хицæн кæны? Йæ райдианæй ныры онг баст у ахуырад æмæ рæзгæ фæлтæримæ.

Ахуыргæнæджы кæнæ хъомылгæнæджы куыст чи зоны, уыдон æй бамбардзысты - ацы дæсныйад æнцон кæй нæу, уый. Фæлæ йыл йæ зæрдæ чи нæ сивы, æнувыд ыл чи у, уыдон сæ куысты фæндагыл рæсугъд къахдзæвтæ кæнынц. Сæ рауагъдонты уарзондзинад та сын æппæтæй стырдæр хæрзиуæг у.

Ахуыргæнæгæн йæ ном йæ уæлæ, фæлæ сæхæдæг та, сывæллæттимæ кусгæйæ, цæуыл сахуыр вæййынц. Цавæр хъуыдытæ сæм вæййы? Цæмæ бæллынц? Искуы уын сæ схъæр кодтой?

Гъе, уæдæ абон сæ иуимæ фембæлæм. Æнхъæлмæ та кæсын Калоты Тамарæмæ.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
   / irystontv  
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Комментарии

Информация по комментариям в разработке