Ивгъуыды мысинæгтæ | Лæууы ма мæ зæрдыл

Описание к видео Ивгъуыды мысинæгтæ | Лæууы ма мæ зæрдыл

Заманхъулы 1968-æм азы рауагъдонтæ `рымысыдысты сæ æнæмæт бонтæ. Ахуыры азтæн та æмбал дæр нæй. Ам райхæлдысты сæ фыццаг зонындзинæдтæ, ам райгуырдысты сæ фыццаг бæллицтæ, ардыгæй райдыдта сæ царды уæрæх фæндаг. Алкæмæн дæр дзы уыд йæхи цин æмæ хъыг, фæлæ уыдон фембæлды æнкъарæнты уылæнтæ æрæмбæрзтой, цæмæй ногæй сæхи банкъарой зноны лæппутæ æмæ чызджытæй.

00:15 – Автор - Цавæр цаутæй хъæздыг уыд нæ бæстæ 1968-æм азы
01:50 – 1968-æм азы рауагъдон Дзгойты Изæтбег фæйнæджы цур хæслæвæрдтæ дæтты йе `мкласонтæн.
03:25 – Дзгойты Азæ дзуры сæ хъæуы ахуыргæнджыты тыххæй
04:10 – Дзиойты Æхсар дзуры сæ фыццаг ахуыргæнæджы тыххæй
04:30 – Хъуысаты Иринæйы мысинæгтæ
05:41 – Кодзырты Ларисæйæн йæ фыд, физикæйы ахуыргæнæг куыд домаг уыд æмæ йын 2 куыд сæвæрдта
06:40 – Дзгойты Изæтбег, сæ къласы иууылдæр куыд хорз кæй ахуыр кодтой
07:25 – Карсанаты Хъазыбег дзуры хæдзаронты сæ ахуыргæнджытæм куыд цыдысты
09:00 – 60-æм азты модæйы тыххæй æмæ сын цы нæ уагътой скъоламæ дарын
11:43 – Цомарты Нинæ мысы культурæйы хæдзары кафджыты ахуыргæнæджы
13:30 – Дзгойты Изæтбег поэзийы тыххæй
16:30 – Дзгойты Изæтбег кæсы йæхи фыст æмдзæвгæ
18:00 – Дзгойты Азæ ногдзауты программæйы тыххæй. Куыд æххуыс кодтой хъæуы хистæртæн
19:30 – Хъуысаты Иринæ, скъолайы газетæн цы ныв скодта æмæ йæ куыд бафхæрдтой лæппутæ
21:40 – Кодзырты Ларисæ дзуры йæ бæллиц кæй уыд артист суавын, фæлæ йæ æндæр горæтмæ нæ ауахтой æмæ баззад заводы
22:23 – Дзурынц чи сæ цавæр дæсныйад райстой æмæ кæм куыстой
28:45 – Карсанаты Хъазыбег цардæмбалæн кæй равзæрста йе `мкъласон Дзгойты Азæйы
30:55 – Заманхъулы скъолайы абоны ахуырдзаутæ хуынтимæ æрбацыдысты 1968-æм азы рауагъдонтæм
33:30 – 1960-1970-æм азты нывгонд хуызистытæ авторы кæробæттæн хатдзæгтимæ
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
ok.ru/irystontv
   / irystontv  
zen.yandex.ru/irystontv
t.me/irystontv

Комментарии

Информация по комментариям в разработке